Гуырдзыстоны, ивгъуыд суткæйы мидæг, коронавирусæй рынчын ноджы 7 пациент фæхъуыд. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Æмтгæй райсгæйæ, бæстæйы вирусæй фæрынчынуæвæг 85 адæймаг амард.
Абон Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 523 ног цау сбæрæг ис. Æмтгæй райсгæйæ, Гуырдзыстоны ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 11 794 цау. Снæниз сты ноджы 208 пациент æмæ сæ æмтгæйон нымæц у 6 327.
Знон Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 519 цау, 6 пациент та амард.