Бразилийы  фæcтаг æхсæв-боны мидæг коронавирусæй инфицирады 46 934 ног цау рабæрæг ис, амард 1 184 адæймаг
Бразилийы фæcтаг æхсæв-боны мидæг коронавирусæй инфицирады 46 934 ног цау рабæрæг ис, амард 1 184 адæймаг

Бразилийы  фæтаг æхсæв-боны  мидæг  коронавирусæй  инфицирады 46 934  ног цау  рабæрæг ис, амард 1 184 адæймаг.  Æмбæлгæ  бæрæггæнæнтæ  публикаци  кæны  бæстæйы  æнæнизхъахъхъæды  министрад.

Коронавирусы  ахæлиуæй  абоны онг  Бразилийы  регистрацигонд  у  «Ковид-19»-ы  æртæ милуан  997 минæй  фылдæр цау.  Фæмардуæвджыты  æмтгæйон нымæц та у  123 780.

Ацы бæрæггæнæнтæй  Бразили  дунейы  АИШ-ы  фæстæ дыккаг бынатыл ис.