Амиран Гамхърелидзе – Вакцинæ сбæлвырды онг, хибахъахъхъæныны иунæг фæрæз у маскæ, курæг уæ дæн маскæтæ дарут гом тыгъдадты дæр
Вакцинæ сбæлвырды онг иунæг фæрæз у маскæ, куурæг уæ дæн дарат маскæ гом тыгъдады дæр – уый фæдыл низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзе, координацион советы рабадты фæстæ фехъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Дунейы цыппар стыр инфекцийы туберкулез, АИД, ризæг æмæ геппатитæй цы адæм амард, уымæй цыппар хатты фылдæр адæймаг амæлдзæн коронавирусы аххосæй.
«Знон ног бæрæггæнæнтæ бамбырд кодтон сегасдæр берзондрейтнгон журналтæй æмæ сеппæтæй хуыздæр хихъахъхъæнæн фæрæз у маскæ. Маскæ дарын, инцекцийы цауты нымæц куы фылдæр кæн, æнæмæнгхъæугæ у æхгæд æмæ гом тыгъдады дæр, цы ран дистанци хъахъхъæнын не нтысы. Курæг уæ дæн уазал периоды, æддæйæ уæвгæйæ дæр дарат маскæ. Уый 50-йæ 75%-ы онг каддæр кæны инфекцийы ахæлиуы риск. Уый тыххæй уæ курæг дæн, алчи æххæст кæнæм рекомендацитæ. Цъус рæстæг нæхи бауромæм стыр чындзæхсæвтæй, стыр хист кæнынæй, бæрæгбонтæй, æрцæудзæн уый афон дæр, фæлæ нырма ацы период хъуамæ рацæуæм. Ахæлиуы алы равзæрæн, кæцы нын уыд ацы фæстаг мæй æмæ æрдæджы дæргъы, иу райдыдта стыр æмбырдтæй. Уый тыххæй уыцы хъуыды цæвиттон Дунейы коронавирус нæй, у хуымæтæг æхснырсæгы хуызæн æмæ тагъ сæдзæбæх уыдзыстæм, раст нæу. Коронавирус у серьозон низ, милуан адæймагы цард ахаста æмæ прогноз у ахæм, ома фидæн уалдзæгмæ, хъыгагæн ноджы иу милуан адæймаг амæлдзæн. Ацы вирус уыдзæн, турберкулезæй, АИД-æй ризæг æмæ геппатитæй марæг дæр. Корона сæ йæ фæстæ фæуаддзæн. Иунæг цæй фæрцы ис гæнæн хибахизын цалынмæ вакцинæ сбæлвырд уа уæдмæ, у æрмæстдæр маскæ» – райхъусын кодта Гамхърелидзе.