Амиран Гамхърелидзе - Æхсæнадæмон публикацитæй бæрæг у, цæмæй æвдæм, æстæм, фарастæм бонæй, ковидинфекцийæ фæрынчынуæвæг адæймагæй вирус иннæмæ нал бахæцы
Æхсæнадæмон публикацитæй бæрæг у, цæмæй æвдæм, æстæм, фарастæм бонæй, ковидинфекцийæ фæрынчынуæвæг адæймагæй вирус иннæ адæймагмæ нал бахæцы – уый фæдыл низты контролы нацуионалон центры къухдариуæггæнæг Амиран гамхърелидзе координацион советы рабадты фæстæ фехъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ æстæм бон гоймагæн сараздзысты «PCR» тест æмæ кæд анализы дзуапп æппæрццаг уыдзæн, уæд гоймагы карантинæй рауадздзысты, фæлæ хæсджын уыдзæн цæмæй йын 12-æм бон, амбулаторийы уавæрты ауадзой фæлхатгæ «PCR» тест.
«Цæй зæгъын æй хъæуы мах раиртасæм нæ базæ. Базонæм иу кæцы бон фæрынчын вæййы адæймаг, кæцы бон у фæнысангонд фæрынчынуæвæгæй вирус тæссаг æндæр адæймæгтæн æмæ уый у æхсæнадæмон стандарт. Фæстаг цыппар боны дæргъы, 4 сентябрæй райдайгæ, немыцагæвзагон прессæйы активонæй тæрхон кæнынц фарстыл, ома инфицирадæй фондз боны фæстæ, вирус серьозонæй лæмæгъ вæййы. Ахæм у вирусмæ цæстадрды фæстиуæг. Æхсæнадæмон публикацитæ амонынц, цæмæй зæгъæм, æвдæм, æстæм, фарастæм бонæй фæрынчынуæвæг адæймагæй низ æндæрмæ хæцгæ нал у. Классиконæй, инкубацийы æмгъуыд уыд дыууæйæ 14 боны онг, фæлæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организаци нын хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ бæстæ йæхæдæг хъуамæ сбæлвырд кæна æмгъуыд, карантины кæнæ хиизоляцийы бонтæй цы хонынц уыцы æмгъуыд. Бирæ бæстæтæн ис 10 бонон æмгъуыды уаг, бирæтæн 12, иуæй-иутæн 14. Координацион советыл каст æрцыд фарста æмæ рахастам уынаффæ, тестæй басгæрсты фоныл, карантины æмгъуыд аст боны онг фæцыбыр кæныны фæдыл. Уымæй бæрæг у, цæмæй æстæм бон адæймаг ацæудзæн «PCR» тестæй басгæрст. Кдæ йæ дзуапп æппæрццаг уыдзæн, уæд ссæрибар уыдзæн карантинæй, фæлæ цæмæй йын 12-æм бон, амбулаторийы уавæрты ауадзой фæлхатгæ «PCR» тест æмæ уый фæстæ адарддæр кæна хуымæтæг режимæй цардуаг»- фехъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.