Æддагполитикъон уагдон, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм æрсидтис, сæхи бауромой Италимæ балц кæнынæй
Италийы Республикæйы хицæн регионты коронавирусы (COVID-19) ахæлиуы бæрзонд æвдисæгы тыххæй, Гуырдызстоны фæсарæн хзъуыддæгты министрад сиды Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм, кæд æнæмæнæгхъæугæ нæу, уæд сæхи бауромой Италимæ балцæ кæнынæй, уæлдайдæр йæ цæгат регионтæм, цы ран æгæр арæх сты фæрынчыны цаутæ. Уый фæдыл куырдиат, ахæлиу кодта Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад.
«Курæг стæм æмбæстæгтæй, сæхи бауромæт Ломбардимæ, Венетомæ, Эмилиамæ, Романиа æмæ æндæр уыцы регионтæм балцæ кæнын, цы ран ис инфицирдзинады хицæн цаутæ, адон сты: Лацио, Абруцо, Базиликата, Кампаниа, Пулиа, Калабриа, Сицилиа, Марке, Фриули, Венеци, Джулиа Тоскана, Пьемонтэ, Болццано, Лигуриа. Æмбæстæгтæй курæг стæм, сæ зæрдыл бадарæт уыцы аууæлттæ дæр, ома хицæн паддзахадтæ æмæ авиакомпанитæ ахицæн кодтой, Италийы æрдæм аваицион дыууæрдæм змæлд рæстæгмæ бауромын, кæнæ та рейсыты арæхад арæн скæныны, кæцы нысаниуæгджынæй куылмпы кæны балцы фадат Италийы æрдæмæ æмæ фæстæмæ.
Италийы уæвæг Гуырдзыстоны æмсбæстæгтæй ноджы иу хатт курæг стæм, бакоммæ кæсæт бынæттон хицауады амындтæм æмæ рекомендацитæм, афтæдæр хъæугæ цауы, фæдзурæт Гуырдзыстоны минæварадмæ горæт Ромы тæвд хаххы номырмæ +333 8879123 .
Гуырдзыстон минæварад Италийы Республикæйы уæвæг Гуырдзыстоны уыцы æмбæстæгтæн, кæцытæ идентификацигонд сты Гуырдзыстоны консулон уагдоны, афтæдæр Италийы архайæг Гуырдзыстоны диаспорон организацитæн, æрвиты рекомендацитæ вирусы превенцийæн райсинаг хъæугæ мадзæлтты æмæ сæ нымæцы архаййæг арæнæвæрдты фæдыл» – хъусын кæнынц Гуырдзыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады.