112- эпидемиологион уавæрмæ æнæкæсгæ, 24 сахаты дæргъы 3000-ы онг  æнæсæрфат телефонæй дзырдтæ  фиксир кæнынц
112- эпидемиологион уавæрмæ æнæкæсгæ, 24 сахаты дæргъы 3000-ы онг æнæсæрфат телефонæй дзырдтæ фиксир кæнынц

Бæстæйы  уæвæг эпидемиологион  уавæрмæ æнæкæсгæ, 112-мæ  24 сахаты мидæг   3000-ы онг   æнæсæрфат   æмæ информацион равгы  телефонон дзырдтæ  фиксир кæнынц, кæцы  куылымпы  кæны   куысты процесс, – уый фæдыл   мидхъуыддæгты министрады, æхсæнадон æдасдзинады  фæткдæттæг центры  112-ы  фидиуæны  мидæг дзырдæуы.

Афтæма сæ информацийæ,  абоны   бæрæггæнæнтæй  оператортæ 18 000-ы онг дзырдæн дæттынц  дзуапп.

112 –мæ коронавирусы  пандемийы  уавæрты ма  бафтыд ахсджиаг функци. Алы æмбæстагæн, коронавирусы хуызæн  симптомты рабæрæгы  цауы,   йæ бон у адзура  112-мæ.  Вирусимæ баст  хъусинæгтæ та   операторты æрдгæй  классифициргонд  цæуынц æмæ  карз цаутæ,  цырд медицинон  æххуысы  центрмæ,  æрмæст  абаргæйæ  рог цауты  та – бинонты  дохтыртæм цæуынц  лæвæрд.

Бæстæйы уæвæг  эпидемиологион уавæрмæ æнæкæсгæ, 112-мæ 24 сахаты мидæг   3000-ы онг   æнæсæрфат   æмæ информацион равгы  телефонон дзырдтæ  фиксир кæнынц, кæцы  куылымпы  кæны   куысты процесс. Уый фæстиуæгæн,  реалонæй  æххуыс æнæмæнгхъæугæ  кæмæн у,  иу уысм дæр ахсджига куы  у, уæд,  гæнæн ис  æмæ сын  махмæ  радзурын  ма бантыса, кæцы   цæрджыты æхсæн расайы æнæразыдзинад.

Инфицирады  нымæцы  рæзтимæ иумæ, карздæр кæны  кусæн уавæртæ дæр.  112 дарддæр кæны  24 сахаты дæргъы, сæрмагонд режимæй кусын, цæмæй   алкæцы  æмбæстаг, бæрзонд стандарты  лæггад райса,  куыд æнæаргъæвгæ  цауты рæстæджы, афтæ вирусы тыххæй», – банысангонд у   фидиуæны.

Æхсæнадон  æдасдзинады фæткдæттæг центр æрсидтис цæрджытæм,  равдисæт  бæрзонд æхсæнадон  бæрн  æмæ   дзæгъæлы   мауал дзурæт  112-мæ.

112-ы  хъусинагæй,   æмбæстæгтæн сæ бон у, коронавирусмæ æмæ йæ  контролы фæдыл   информацион   типы  фарстытимæ  адзурæт  хицауады  тæвд хаххмæ – 144.