112- эпидемиологион уавæрмæ æнæкæсгæ, 24 сахаты дæргъы 3000-ы онг æнæсæрфат телефонæй дзырдтæ фиксир кæнынц
Бæстæйы уæвæг эпидемиологион уавæрмæ æнæкæсгæ, 112-мæ 24 сахаты мидæг 3000-ы онг æнæсæрфат æмæ информацион равгы телефонон дзырдтæ фиксир кæнынц, кæцы куылымпы кæны куысты процесс, – уый фæдыл мидхъуыддæгты министрады, æхсæнадон æдасдзинады фæткдæттæг центры 112-ы фидиуæны мидæг дзырдæуы.
Афтæма сæ информацийæ, абоны бæрæггæнæнтæй оператортæ 18 000-ы онг дзырдæн дæттынц дзуапп.
112 –мæ коронавирусы пандемийы уавæрты ма бафтыд ахсджиаг функци. Алы æмбæстагæн, коронавирусы хуызæн симптомты рабæрæгы цауы, йæ бон у адзура 112-мæ. Вирусимæ баст хъусинæгтæ та операторты æрдгæй классифициргонд цæуынц æмæ карз цаутæ, цырд медицинон æххуысы центрмæ, æрмæст абаргæйæ рог цауты та – бинонты дохтыртæм цæуынц лæвæрд.
Бæстæйы уæвæг эпидемиологион уавæрмæ æнæкæсгæ, 112-мæ 24 сахаты мидæг 3000-ы онг æнæсæрфат æмæ информацион равгы телефонон дзырдтæ фиксир кæнынц, кæцы куылымпы кæны куысты процесс. Уый фæстиуæгæн, реалонæй æххуыс æнæмæнгхъæугæ кæмæн у, иу уысм дæр ахсджига куы у, уæд, гæнæн ис æмæ сын махмæ радзурын ма бантыса, кæцы цæрджыты æхсæн расайы æнæразыдзинад.
Инфицирады нымæцы рæзтимæ иумæ, карздæр кæны кусæн уавæртæ дæр. 112 дарддæр кæны 24 сахаты дæргъы, сæрмагонд режимæй кусын, цæмæй алкæцы æмбæстаг, бæрзонд стандарты лæггад райса, куыд æнæаргъæвгæ цауты рæстæджы, афтæ вирусы тыххæй», – банысангонд у фидиуæны.
Æхсæнадон æдасдзинады фæткдæттæг центр æрсидтис цæрджытæм, равдисæт бæрзонд æхсæнадон бæрн æмæ дзæгъæлы мауал дзурæт 112-мæ.
112-ы хъусинагæй, æмбæстæгтæн сæ бон у, коронавирусмæ æмæ йæ контролы фæдыл информацион типы фарстытимæ адзурæт хицауады тæвд хаххмæ – 144.