Рестораторты  ассоциаци æмæ  ресторанты сферæйы минæвæрттæ курынц премьер-министримæ фембæлын
Рестораторты ассоциаци æмæ ресторанты сферæйы минæвæрттæ курынц премьер-министримæ фембæлын

Рестораторты  ассоциаци æмæ  ресторанты сферæйы минæвæрттæ Гуырдзыстоны  премьер-министримæ фембæлын   æмæ сферæйы  уæвæг проблемæтæ алыг кæнын курынц.  Сæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ  арæнæвæрдтæ  ацы  сферæйы  стыр  проблемæтæ фæзынын кодтой.

Рестораторты  ассоциацийы  бындурæвæрг  Шота  Бурджанадзе хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ  премьеримæ фембæлд тагъд  снысан уа.

«Курæг  стæм премьер-министрæй  фембæлын, бæрæг  коммуникаци нын ис æмæ  ныхас   цæуы  ома  æввахс бонты фембæлд ацæудзæн.  Ахсджиаг нын у,  цæмæй  фиддонон  уæзæй   суæгъд уæм уæвæг ситуацийы,   банктимæ æмахаст, кæцы  кабалон у,  баххуыс нын кæнæт, паддзахад  банктимæ  ахастыты.  Не ркуырд у,   проблемæтыл фæныхас кæнæм.   Сферæйы  пандемийы  уавæрты  проблемæтæ  уыдис  иудадзыг, фæлæ бæрæг  хайæ  сферæ  фæрæзта  проблемæтæн, ныр та  22:00  сахатыл ресторан   бынтон куы æхгæд цæуы,  уыцы  аууæл æнæхъæнæй фæивдта  уавæр.  Ам материалон  зианæй  дарддæр ма, дзырæдуы  уыцы  адæмы  æгуыстæй  баззайыныл, чидæриддæр сферæйы  кусынц», – фехъусын кодта Бурджанадзе.

Ресторанты сферæйы минæвæрттæ  ресторанты  кусæн  сахатты   фæфылдæр кæнын  домынц.