Коронавирусæй инфицирады  æртæ ног цауæй,  дыууæ импортиргонд сты, иуы инфицирады равзæрæн нырма бæрæг нæу
Коронавирусæй инфицирады æртæ ног цауæй, дыууæ импортиргонд сты, иуы инфицирады равзæрæн нырма бæрæг нæу

Тбилисы  инфекцион рынчындоны  медицинон  директоры  Марина Эзугбаиайы  информацийæ,   коронавирусы  æртæ  ног цауæй  дыууæ импортиргонд сты зæгъгæ, уыдонæй  иу уæзласæны тæрæг у. Иуы инфицирады равзæрæн  нырма бæрæг нæу æмæ цæуы  эпидимиологион иртасæн.

«Гуырдзыстоны  коронавирусы  æртæ  ног цауæй  дыууæ  импортиргонд сты, уыдонæй  сæ иу  у  уæзласæн хæдтулгæйы тæрæг. Æртыккаг  ног цауы   инфицирады равзæрæн нырма  бæрæг нæу æмæ уый  базонын цæуы  эпидемиологион иртасæн», – райхъусын кодта Эзугбаиа.

Афæтма йæ ныхæстæм гæсгæ, инфекцион  рынчындонмæ  ног  ковид-фæрынчынуæвæг пациенты нæ баластой.