Кобулеты муниципалитеты 4 администрацион иуагы карз карантины арæнæвæрдтæ сфидар кодтой
Хицауады уынаффæйæ, Кобулеты муниципалитеты фæстæ, администрацион иуæгты Гварайы, Мухаэстатэйы, Лэгъвайы æмæ Цъхъаврукайы æрбайстæуыд специалон режим æмæ карз карантины арæнæвæрдтæ сфидар сты. Уый тыххæй премьер-министры пресс-спикер Ираклий Чиковани хицауады администрацийы брифингыл райхъусын кодта. Чикованийы дзырдæй зæгъгæ ацы ажминистрацион иуæгтæм фæдзæхст у мидæмæ бацыд æмæ рацыд дæр.
«Абоны уавæрæй Гуырдызстоны ныридæгæн ис коронавирусы инфекцийы 252 бæлвырд цау . Афæтма цалдæр цау сфиксир ис Ачъарайы автономион республикæы. Иртасæны фæстиуæгæн фæбæрæг ис, цæмæй ацы цауы уыд тынгъ контактты тынг уæрæх хыз æмæ уый тыххæй дæр, тыхыббын стæм, специалон мадзæлттæ райсын.
Кобулеты муниципалитеты фæстæ, администрацион иуæгты Гварайы, Мухаэстатэйы, Лэгъвайы æмæ Цъхъаврукайы æрбайстæуыд специалон режим æмæ карз карантины арæнæвæрдтæ фидар кæнæм.
Уыцы арæнæвæрдтæй уæлдай, кæцы бæрæг сты уæлрадон уавæрæй, ацы администрацион иуæгтæм фæдзæхст у бацыд æмæ уырдгæй рацыд. Бынатыл ацы режимы сæххæстыл бакусдзысты мидхъуыддæгты министрады æмæ хъахъхъæнынады тыхтæ»- фехъусын кодта Чиковани.