Хыгъд бакæнынæй 72 сахатмæ «StopCov»фонды  æрымбырд ис 9  милуан  лари
Хыгъд бакæнынæй 72 сахатмæ «StopCov»фонды æрымбырд ис 9 милуан лари

Бынкъа  хыгъд   байгом кæнынæй  72  сахатмæ,  коронавирусы  ныхмæ хæцыны нысанæн     арызт «StopCov»фонды  æрымбырд ис 9  милуан  ларийы.   Суммæйы  арвитын www.stopcov.ge –ы платформæйæ, йæ бон у  алкæмæн.

Бизнесомбудсмены аппараты   информацийæ,  25 марты  18:00  сахаты бæрæггæнæнтæй,   фондмæ  ставд суммæтæ  бахастой   компанитæ:  «Магтиком», «Арэмджи», «Метро Холдинг», «Телавы сæны  ныккæнд», «»Пе-Эс-Пе  къорд», «Тегета Моторс», «Придон Тодуайы  медцинон  центр», «Поты  денджызон  наустанцæ»,  Гуырдзыстоны парламенты мажоритар  депутат  Гоча Энукидзе, «Хуалинг» ,  арæзтадон компаны  «Дирси», «Тбили Сахли», «Сараджишвили», супермаркетты хызаг  «Згъапари», хызаг «Супта сахли», «Рустави стл корпорейшн  компани», «Асканели Дзмэби».

«StopCov»фонды   аккумулиргонд суммæтæ, платформæйы  фæлгæтты.   Бизнесомбудсмены аппараты æмæ  хицæн   секторы   координацийæ,  идентифициргонд  хъæуындзинад сыххæст кæнынæн  бахардз уыдзæн.