Хъæу Хъараджалары  карантины режим  аивдтой
Хъæу Хъараджалары карантины режим аивдтой

Гардабаны муниципалитеты  хъæу Хъараджалары  карантины режим  аивдтой.

Квемо Картлийы  губернатор  Шота Рехвиашвилийы  информацийæ, блокпосттæ  дысон, 00:00 сахатæй  систой  æмæ хъæу царды  хуымæтæг режиммæ  æрыздæхт.

Афтæма  йæ  ныхæстæм гæсгæ,   ацы  афонмæ  æрмæст 127   анализы  дзуаппмæ æнхъæлмæ кæсынц.

«Уымæ гæсгæ,  цæмæй  хъæуы  вирус  массонæй  нæ ахæлиу ис,  стæмты фæбæрæг вæйы  æмæ   сты  иугай цаутæ   ахицæн кодтам  карантины ражим аивын», – банысан кодта  Шота Рехвиашвили.

Афтæма йæ информацийæ, хъæуы  æмтгæй райсгæйæ  басгæрстой  3 600-æй  фылдæр адæймагы, кæцытæй  вирус  фæбæрæг ис   44-мæ.

Хъæу  Хъараджалары  карз карантины  мадзæлттæ  уыдысты  18 боны дæргъы.