Амиран Гамхърелидзе – Коронавирусы тыххæй,  Китайимæ абаргæйæ тæссагдæр, гæнæн ис,  Иран уа
Амиран Гамхърелидзе – Коронавирусы тыххæй, Китайимæ абаргæйæ тæссагдæр, гæнæн ис, Иран уа

Низты  контролы   националон центры   къухдариуæггæнæджы   Амиран  Гамхърелидзейы   куырдиатæй,   коронавирусмæ  гæсгæ, Китайимæ абаргæйæ,  гæнæн ис,  фылдæр тæссаг уа  Иран.

«Китайимæ абаргæйæ  махæн гæнæн ис тæссагдæр уа  нæ сыхаг   бæстæ,  тынг   хæстæг у махмæ, Тегеранæй сахат æмæ æрдæджы тæхын  хъæуы Гуырдзыстоны онг», – райхъусын кодта  Амиран Гамхърелидзе.

Афтæдæр, йæ ныхæстæм гæсгæ,   Китаймæ балцы истори кæцы  бæлццæттæн ис  уыдонæн   цæуы  термоскриниг,  эпидемиологийы   консультацитæ æмæ   сæм лæвæрд  цыд  хæдизоляцийы  рекомендаци, ныр   уый  æппæт  æххæссы   Ираны  фæстаг дыууæ   къуырийы  дæргъы   чи уыд  уыцы  адæймæгтæм.

«Афтæдæр   цæуы   уынаффæ   ахæм мадзæлттæ ауазыны  фæдыл   æндæр бæстæтæй   æрцæугæ   бæлццæттæн.  Сæ нымæцы  тæрхон кæнæм  Италиимæ   комкоммæ   тахтытæ   фæуромыны   фарстайыл.   Скуыддзаг  æнхъæлцау  ист  æрцæудзæн æввахс  фидæны», – загъта  Амиран Гамхърелидзе.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,  Гуырдзыстоны гæнæн 24 цау  уыд,  кæцыты  госпитализаци  æрцыд   инфекцион  рынчындоны, фæлæ сæ  иумæ  дæр  ног коронавирус нæ фæбæрæг ис.

«Гуырдзыстон нырма ис  а.х.  цъæх зонæйы, цы ран   вирусы   ахæлиуы  тас  минималон у», –  бафтыдта  ма  Гамхърелидзе.