Зугдиды инфекцион рынчындоны коронавирусыл басгæрстой 56 адæймагы, уыдонæй дыууæмæ вирус сбæлвырд ис. Фæрынчынуæвджытæ сты æвзонг сылгоймаг æмæ нæлгоймаг, иу бинонтæй. Уыдон 42 аздзыд фæрынчынуæвæг зугдидаг нæлгоймаджы хæстæджытæ сты. Сæ дыууæйы дæр Анаклиа-Ганмухуры карантины зонæмæ фæхæццæ кодтой.
Уæдмæ зугдидаг нæлгоймагы бинонты æртæ уæнгмæ сбæлвырд ис коронавирус – мад æмæ дыууæ сывæллонмæ. Фæрынчынуæвæг нæлгоймагы Рухы рынчындонæй Тбилисы инфекцион рынчындонмæ фæхæццæ кодтой. Иннæтæн та хос кæнынц Рухы рынчындоны.
Коронавирусæй фæрынчынуæвæг дыууæ ног пациенты тыххæй куы зæгъæм, уыдоны карантинытыгъдадæй Рухы рынчындонмæ аласдзысты.