Ванийы муниципалитеты рацæуæнты æврæд æрцæудзæн контролон-ауадзæн пункттæ
Координацион советы уынаффæйæ, Ванийы муниципалитеты Гуырдзыстоны иннæ фараст муниципалитеты цы регуляцитæ архайынц, уый æнгæс регуляци æбайстæуыд – уый тыххæй хицауады администрацийы арызт брифингыл фехъусын кодта премьер-министры уынаффæгæнæг, пресс-спикер, Ираклий Чиковани.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ, уагъд æрцæудзæн проактивон термоскрининг, афтæдæр муниципалитетты æвæрд æрцæудзæн специалон ауадзæн пункттæ.
«Ис цалдæр ног цау, кæцы иуы æрдгæй, баст сты Ванийы муниципалитетимæ, цæуы ацы цауты бацахуыр. Бæрæг сты контакттæ, афтæдæр цæуы ацы контакттимæ куыст, афтæ уæвæг этапыл ист æрцыд уынаффæ, цæмæй Ванийы муниципалитеты æрбайсæм ахæм регуляци, цахæмтæ дæр архайынц Гуырдзыстон иннæ фараст муниципалитеты. Афтæмæй дзы цæудзæн термоскрининг, муниципалитеттæй рацæуæнты æвæрд æрцæудзæн специалон ауадзæн пункттæ, цы ран цæудзæн цæрджыты термоскрининг», – райхъусын кодта Ираклий Чиковани.