Украинайы гарзджын тыхты генштабы хъусын кæнынц, цæмæй уырыссаг æфсæддæттæ Херсоны уынджы хæстытæм цæттæ кæнынц
Украинайы гарзджын тыхты генштабы хъусын кæнынц, цæмæй уырыссаг æфсæддæттæ Херсоны уынджы хæстытæм цæттæ кæнынц

Украинайы  генштабы  фидиуæнæй,   анексиргонд Херсоны   уырыссаг  æфсæддæттæ   хуымæтæг  æмбæстагон  дарæс  скæсынынц,  баахсынц  сабыр  æмбæстæгты  сæрмагонд бæстыхæйттæ æмæ   фидар кæнынц  позицитæ, цæмæй  уынджы    хæстытæ  дарддæр кæной.

«Уырыссаг пропагандист  журналисттæ  план кæнынц,    горæты  айсын  видеоæрмæг, цæмæй  куыд   куынæг кæнынц   сабыр  æмбæстæгты   Украинайы хъахъхъæнынады   тыхтæ» –   дзырдæуы   Украинайы   генштабы  фидиуæны.

Украинайы  гарзджын тыхты  æрвылбойнон афæлгæсты афтæдæр банысангонд у, цæмæй уырыссаг   тыхтæ, цæрæн пункт  Майорскы  цур   стыр сæфт  баййæфтой –  амард 30  æмæ   фæцæф 120    æфсæддон.

Афтæма Лисичанскы, Батальон «Ахматыл» хафты  фæстиуæгæн  мард у  30   адæймаг, 15  та фæцæф  ис.  Украинайы  генштабы  информацийæ,  æмтгæй  райсгæйæ,   фæстаг æхсæв-боны  мидæг,  уырыссæгтæ  530  æфсæддон ы   фесæфтой. Уырыссæгтæ  сеппæтæй  фылдæр æфсæддоны фесæфтой  Лиманы, Бахмуты æмæ   Авдеевкæйы æрдæмадтæй.