Уырыссаг медиа – Херсоны зылды   фондзкилометрон  автомобилон къæрмæг сырæзт, туристтæ  Хъырымы  ныууадзын  архайынц
Уырыссаг медиа – Херсоны зылды фондзкилометрон автомобилон къæрмæг сырæзт, туристтæ Хъырымы ныууадзын архайынц

Херсоны зылды,  Уæрæсейы оккупацигонд  территорийыл  фондзкилометрон   автомобилон  къæрмæг сырæзт.  Информаци хъусын кæны  уырыссаг медиа.

Куыд хъусын кæнынц афтæмæй, туристтæ  архайынц, ныууадзой  Хъырым  æмæ Мелитополы æрдæм рацæуын.  Уый тыххæй Джонкой-Мелитополы  маршрутыл   аивдтой   коменданты сахат. Донецкы  зылды  оккупацион   режимы  минæвæртты дзырдæй, ацы  къахдзæф сарызтой, цæмæй  туристтæн ацы территорийы уылты  Уæрæсемæ  ныццæуыны  фадат сын уа.

Уыимæ, Уæрæсейы  туроператорты ассоциаци хъусын кæны, цæмй Хъырымы  турты массон аивд нæу рахатинаг, фæлæ туристты  хай   æввахс  бонты   рагахстытæ  аивдтой.

Уырыссаг   медиайы  хъусинагæй, туристон  автобустæн  гом у  быранон  ахизæнтæ æмæ афтæдæр   ис  гибридон   маршрут, кæцы  йæ хъуыдыйы дары  электропоездтæй  балц дæр.

Бæрæгдзырдæн, знон  æхсæвы Хъырымы хидыл  спырх  æрцыд. Фæстиуæгæн  хидыл  урæд уыд  автомобилон  æмæ æфсæнвæндагон   дыууæрдæм змæлд.