Украинаг Медиа – Уæрæсейы   оккупацион тыхты Херсоныл  бомбæкалды фæстиуæгæн ис амæттаг
Украинаг Медиа – Уæрæсейы оккупацион тыхты Херсоныл бомбæкалды фæстиуæгæн ис амæттаг

Уæрæсейы оккупацион тыхты æрдгæй  Украинайы   горæт Херсоныл  бомбæкалды фæстиуæгæн ис амæттаг.  Украинаг  медиайы  хъусинагæй  уырыссаг   æфсæддæттæ  артиллерийæ  цæрæн сыхтыл сыххæст кодтой  æхст.   Артиллерион   хыфтыты фæстиуæгæн,  сармадзаны нæмыг сымбæлд  фондз уæладзыгджын  корпусыл, кæцыыйы фæстиуæгæн иу адæймаг амард.

Ивгъуыд  боны дæргъы   Уæрæсейы  оккупацион тыхтæ  Украинайы  фараст регионыл сыххæст кодтой  бомбæкалд. Украинаг медиа куыд фысссы афтæмæй,   уырыссаг  æфсады   бырсты фæстиуæгæн ис амæттаг   Днепропетровскы  æмæ Донецкы    регионты дæр.   Уырыссаг  æфсады   нысан  цæрæн пункттæ  уыдысты.   Зиангонд  сты  цæрæн хæдзæрттæ, хæдтулгæтæ  æмæ  газдадзæн, афтæма базарадон   центртæ.