«Блумберг» - Украинæ фыццаг хатт бритайнаг ракетæтæ «Storm Shadow»-æй бомбæкалд кодта Уæрæсейы территорийыл
«Блумберг» - Украинæ фыццаг хатт бритайнаг ракетæтæ «Storm Shadow»-æй бомбæкалд кодта Уæрæсейы территорийыл

Украинæ Уæрæсейы территорийыл бритайнаг ракетæтæй «Storm Shadow» фыццаг хатт æрæппæрста. Уый фæдыл «Блумберг» фыссы.

Куыд хъусын кæнынц афтæмæй, украинæгтæ æндæр æмæ æндæр здæхтыты 12 ракетæйы ауагътой.

Апарахатгонд хъусынгæнинæгтæм гæсгæ, Курскы облæсты ссардтой ракетæ «Storm Shadow»-йы бырон, Ейскы сæрмæ та дыууæ ракетæ нейтрализацигонд æрцыдысты.

«Блумбергы» информацийæ, Стыр Британи Украинæйæн Уæрæсейы территорийыл ракетæтæй спайда кæныны бар радта, Кремлы хæсты Цæгат Кореяйы æфсæддонты æрбадæттыны дзуаппæн. Стыр Британийы хицауад уый нымадта конфликты фæкарздæрыл.

«Storm Shadow» ракетæтæ Украинæйы æфсад уый фæстæ æруагътой, иу бон раздæр Уæрæсейы территорийыл Америкæйы конд «Атакамс»-ы ракетæтæ куы æхстой, уый фæстæ. «Storm Shadow»-ы архайды радиус у 250 километры бæрц.