Процессуалон бадзырды бындурыл, 4 октябры хъуыдтагыл, ноджы аст адæймаг ссæрибар кодтой ахæстонæй
Ахæстонæй ссæрибар сты ноджы аст адæймаг, кæцыты 4-æм октябры хъуыдтагы фæдыл ахст æрцыдысты. Сæхи аххосджыныл банымадтой æмæ прокуратурæимæ бафыстой сразыдзинад.
Тæрхонгæнæг Тарашвили Нино, прокуратурæ æмæ аххосджынты æхсæн æфхæрды бадзырд бафыста.
Сæрмагондæй, абон ахæстонæй ссæрибар сты : Александре Хабеишвили, Бека Келехсашвили, Гиоргий Мумладзе, Мамука Лабучидзе, Гуриэль Кардава, Автандил Сурманидзе, Вахтанг Пицхелаури æмæ Темур Курцкидзе.
Цыппæрæм октябры хъуыдтагы фæдыл ахстгонд адæймæгты аххосджын кæнынц цалдæр статьяйæ. Се æхсæн ис стратегион æмæ сæрмагонд нысаниуæгджын объекты бацахсыны фæлварæн, кæцы арæзт æрцыд къорды, афтæ дæр къордон тыхмийы хайадист. Уæлдæр ранымад фыдракæндты тыххæй æфхæрд цæуы æхсæз азы онг ахæстоны фæбадын. Æдæппæтæй 4 октябры цауты фæдыл аххосджынгонд æрцыд 64 адæймаг, 22 адæймаг равдыстой сæ фæндон райсын æфхæрды бадзырд, уыдонæй 16 ныридæгæн ссæрибар сты тæрхондоны залæй, иннæ æхсæз та ссæрибар уыдзысты боны кæронмæ.