Уæрæсейы  бырсты фæстиуæгæн  Украинайы горæт  Херсоны  авд адæймаг  амард
Уæрæсейы бырсты фæстиуæгæн Украинайы горæт Херсоны авд адæймаг амард

Уæрæсейы бырсты фæстиуæгæн Украинайы  горæт  Херсоны   авд адæймаг амард, сæ нымæцы  сывæллон, информацийы Украинайы  мидхъуыддæгты министр Игорь Клименко хъусын кæны.

Клименкойы  дзырдæй, амард  къай,  сæ 23 бондзыд хъæбул  æмæ  ноджы иу  нæлгоймаг   хъæуы Широка  Балкайы, уæззау  цæф æрцыд  къайы  12 аздзыд лæппу, æрмæст дыууæ  адæймаг   амард æмæ иу  фæцæф ис  сыхаг  хъæу Станиславы.

«Террористтæ никуы  ныууадздзысты сабыр  цæрджыты  марындзинæдтæ.  Террористты  бауромын хъæуы  тыхæй. Æндæр ницы æмбарынц», – банысан кодта  Клименко.