Херсоны зылды администрацийы хъусинагæй, Уæрæсейы бырсты фæстиуæгæн, цыппар сабырадон  æмбæстаг амард æмæ фараст фæцæф сты
Херсоны зылды администрацийы хъусинагæй, Уæрæсейы бырсты фæстиуæгæн, цыппар сабырадон æмбæстаг амард æмæ фараст фæцæф сты

Украинайы  горæт Херсоныл   Уæрæсейы бырсты фæстиуæгæн, цыппар  сабырадон  æмбæстаг  амард æмæ фараст адæймаг фæцæф ис.  Уый фæдыл информацийы Херсоны зылды администраци  хъусын кæны.

Фæмардуæвджыты нымæцы сты карджын лæг æмæ ус, кæцыты  хæдзарыл  сæмбæлд сармадзаны нæмыг. Ноджы  дыууæ   мард ис  сыхаг  хæдзары.  Уым дæр  цæуы  сæ идентификаци.

Уæрæсейы  бырсты фæстиуæгæн цæфты  нымæцы  иу   сывæллон у.

Украинаг æфсæддæтты хъусинагæй,  Херсоны  зылды  æрдгæй  Уæрæсейы  æфсад  фæстаг æхсæв-боны мидæг  425 сармадзаны нæмыг фехста.

Уыимæ иумæ,  Укранаг  æфсæддон   уæлдæфон тыхты  куыд райхъусын кодтой афтæмæй,  24 декабры æхсæв Уæрæсе æнæпилот тæхæн аппараттæ  ауагъдта  Николаевы, мельницкийы, Запорожьейы, Днипро æмæ Кировограды  зылдты  æрдæм. Афтæма сæ  информацийæ 15 дронæй 14-ы æрыппарын  бантыстис.