Мака Бочъоришвили Гуырдзыстон, Турк æмæ Азербайджаны æттаг хъуыдтæгты министрты фембæлды фæлгæтты Хакан Фиданимæ фембæлд
Мака Бочъоришвили Гуырдзыстон, Турк æмæ Азербайджаны æттаг хъуыдтæгты министрты фембæлды фæлгæтты Хакан Фиданимæ фембæлд

Гуырдзыстон, Турк æмæ Азербайджаны æттаг хъуыдтæгты министрты дæсæм æртæвæрсыг фембæлды фæлгæтты, вице-премьер, æттаг хъуыдтæгты министр, Мака Бочъоришвили Турчы республикæйы æттаг хъуыдтæгты министр Хакан Фиданимæ фембæлд.

Æттаг хъуыдтæгты министрады информацимæ гæсгæ, фарсытæ æркастысты Гуырдзыстон æмæ Турчы Республикæйы æхсæн уæвæг стратегион партнердзинадмæ æмæ йæ дарддæры фæарфдæр кæныны перспективæтæм.

Уымæй уæлдай ма дыууæ бæстæйы æхсæн секторалон æмархайдæн дæр æвæрццагæй аргъгонд æрцыд.

Уагдоны информацимæ гæсгæ, фембæлдыл хъусдард сцырын ис дыууæ бæстæйы æмкуыстдзинад «Астæуккаг къæлидоры» рæзынады процессы æмæ æнгæс стратегион проектты æнтыстджын реализацийы нысаниуæгмæ.