Гуырдзыстоны мидхъуыдтæгты министры ног хæдивæгæй Бахуашвили Гиорги снысан ис
Гуырдзыстоны мидхъуыдтæгты министры ног хæдивæгæй Бахуашвили Гиорги снысан ис

Гуырдзыстоны мидхъуыдтæгты министрæн Тамазашвили Сулханæн ног хæдивæг ис.

Мидхъуыддæгты министрады информацийæ, министры хæдивæгæй полицийы инæлар Гиоргий Бахуашвили снысан ис.

«Ацы рæстæгмæ Гиоргий Бахуашвили мидхъуыдтæгты министрады генералон инспекцийы департаменты директоры постыл куыста, бирæ азы мидхъуыдтæгты министрады куысты фæлтæрддзинад ын ис» – ис фыст министрады информацийы.