Украинайы гарзджын тыхты генштаб-  Бахмут  фæстæмæ  хæстон архæйдтыты эпицентры ис
Украинайы гарзджын тыхты генштаб- Бахмут фæстæмæ хæстон архæйдтыты эпицентры ис

Украинайы   гарзджын тыхты   генштаб  хъусын кæны, цæмæй Бахиут фæстæмæ у   хæстон архйдтыты эпицентр.  Уый фæдыл   дзырдæуы   генштабы   абон сæумæрайсом  публикацигонд фидиуæны.

«Ныхмæлæууæг   дарддæр кæны  сæйраг  тыхархайды  концентраци кæнын   Купянскы,  Лиманы, Бахмуты, Авдеевкæйы  æмæ Марьинкайы æрдæмадтыл. Æдæппæт   ивгъуыд æхсæв-боны мидæг   фронты   фæнысангонд  фадыгыл, 53 быцæуæмбæлд  æрцыд,  хæстон  архйдтыты  эпицентры  сты  Бахмут æмæ Марььинка» – дзырдæуы   генштабы ахæлиугонд фидиуæны.

Бакой уын кæндзыстæм знон   хицæн  æфсæддон компани  «Вагнеры» бындурæвæрæг   Евгени Пригожин   райхъусын кодта,ц æмæй   Уæрæсейы  тыхтæ   бБахмут æнæхъæнæй   бацахстой. Фæстæдæр  уый фæдыл  фехъусын кодта Уæрæсейы  хъахъхъæнынады министрад.

Украинайы  хъахъхъæнынады  уагдоны та сидынц, цæмæй Бахмуты сырæзт   критикон   уавæрмæ нæкæсмгæ,  Украинаг æфсæддæттæ   хицæн объектты  контрол кæнынц.

Укринайы    гарзджын тыхты  хурыскæсæны  сæрдарады  спикеры, Сергей   Череватыйы   фидиуæнæй,   зæгъгæ Пригожины, Бахмутиы бацахсыны фæдыл  фидиуæнæй  фæнды  куыд гæнæн ис афтæ  тагъд   акæна йæ æххуырст æфсад   горæтæй, уымæн æмæ «Вагнеры»  къорд скуынгæ ис æмæ   уый йæ хуыздæр хæцджыты фесæфта.