Уæрæсейы  тыхтæ Херсоны гипермаркетыл бомбæкалд ракодтой, амард æртæ æмæ фæцæф ис 5 адæймаг
Уæрæсейы тыхтæ Херсоны гипермаркетыл бомбæкалд ракодтой, амард æртæ æмæ фæцæф ис 5 адæймаг

Уæрæсейы тыхтæ, Херсоны  гипермаркетыл бомбæкалд сыххæст кодтой,  амард  æртæ æмæ   цæф сты  ноджы  фондз адæймаг.  Уый фæдыл  информаци, украинаг медиа мидхъуыддæгты министр Игор Клименкойыл æнцойæ хъусын кæны.

Клименкойы дзырдæй, уырыссаг оккупанттæ Херсоны  иунæг кусæг   гипермаркетыл  хафт,  11:00 сахатмæ  хастæг сыххæст кодтой.

Мидхъуыддæгты министр куыд банысан кодта афтæмæй,   фæмардуæвджытæ  æмæ  цæфтæ  сты   дуканийы  кусджытæ. Бынатыл  кусынц  уæлвæтк уавæрты  куысты минæвæрттæ.

«Уырыссаг лæгмартимæ  бадзырдты гæнæн нæй. Удоны  кæнæ дзуаппмæ раттын, кæнæ та сæ  скуынæг кæнын хъæуы», – банысан кодта Игорь Клименко.