«Твиттеры» бындурæвæрæг коронавирусы ныхмæ тохы нысанæн иу миллиард доллар рауæлдай кодта
«Твиттеры» бындурæвæрæг Джек Дорс коронавирусы ныхмæ тохæн иу миллиард доллар ауæлдай кодта.
Дзырдæуы Джек Дорсы тыххæй, кæцы йæ мулкы цыппæрæм хай сæрмагонд фондмæ «Статр Смолмæ» арвыста. Ацы фонд коронавирусы пандемийы ныхмæ уагъд проекттæ сфинанс кæндзæн.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, пандемийыл фæтых уыны фæстæ, зæгъгæ йæ сæрмагонд фонд ориентиргонд уыдзæн æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ахуырады фæдыл проектты æрдæм.
Ныридæгæн бæрæг у, цæмæй «Твиттеры» бындурæвæрæгы фондæй, 100 000 доллары райсдзæн хæрзаудæн организаци «Америкас Фуд Фонд» кæцы пандемийæ зианбавзарæг цæрджыты ифтонг кæндзæн хæлцадон продукттæй.