Тетрицъхъаройы муниципалитеты коронавирусы нодж иу цау сбæлвырд ис, инфициргонд у мэрийы кусæг, – уый фæдыл Квемо Картлийы губернатор Шота Рехвиашвили райхъусын кодта.
«Иу бæлвырд факт нæм ис æмæ уый у мэрийы кусæг. Знон мэрийы кусæгы хæстæг контакттæ бацахуыр кодтам. Мэрийы æндæр кусджытимæ, афтæдæр фæрынчынуæвæгы контакттæй коронавирусыл æппæрццаг дзуапп æрбацыд.
Фæрынчынуæвджыты бинонтæ сты хæдизоляцийы æмæ карз карантины, 40-æй фылдæр адæймаг сты цæстдарды бын», – хъусын кæны Рехвиашвили.
Тетрицъхъаройы муниципалитеты ацы рæстæгмæ коронавирусы 20 цау у бæлвырд.