Хицауады инициативæйæ æмæ æнæнизхъахъхъæды министрады фæрцы, 25-30 октябрæй Гуырдзыстон, райсдзæн «Ремдесивир» – уый фæдыл Тбилисы инфекцион рынчындоны директор Тенгиз Церцвадзе фехъусын кодта журналисттæн.
Церцвадзейы дзырдæй Гуырдзыстон зæгъгæ бацагуырдта амæлттæ, цæмæй «Ремдесивир» бæстæмæ тагъд æрхæццæ уыдаит.
«Хицауады инициативæйæ æмæ æнæнизхъахъхъæды министрады комкоммæ хайадæй бантыстис ног æмæ абоны бонмæ сегасдæр ныфсдæттæг медикаменты «Ремдесивиры» тагъд æрласын. Ацы медикамент у хæпполдзинад, уымæн æмæ нырма æрмæст Америкæмæ ис фадат, уа йæм ацы медикамент. Ноджы ма цалдæр бæстæ сты балхæды процессы. Æнæнизхъахъхъæды министр куыд загхта афтæмæй, ныридæгæн бакуыст у механизм, кæцы æнцон нæ уыд, уымæн æмæ бирæ бæстæйæ лæууынц ацы медикамент райсынæн рады, афтæма бирæ бюрокративон процедурæ рацæуын хъæуы. Иуæй-иу цауты дыууæ мæй бахъæуы хос райсынæн, фæлæ ам бацагуырд ис механизм, æмæй 10-14 бонмæ сæххæст уыдзæн ифтонгад æмæ зæгъæм 25-30 октябрæй, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн, кæцытæм ис коронавирусы уæззау кæнæ критикон формæ, хос кæнынæн ма сын снысан уыдзæн «Ремдесивир»» – фехусын кодта Церцвадзе.