Тенгиз Церцвадзе – Ног пациенттæн се ртæйæн дæр  уыд контакт, бæрзонд рискъы бæстæтæй кæцы фæсарæйнæгтæ сты ахæмтимæ
Тенгиз Церцвадзе – Ног пациенттæн се ртæйæн дæр уыд контакт, бæрзонд рискъы бæстæтæй кæцы фæсарæйнæгтæ сты ахæмтимæ

Абон кæцы  æртæ   цау  сбæлвырд ис уыдонæй инфициргондтæн контак уыд  фæсарæйнæгтимæ, бæрзонд рискъы бæстæтæй  æрцæугæтимæ –  уый фæдыл  инфекцион   рынчындоны директор, Тенгиз Церцвадзе  хъусын кæны.

«Ацы пациенттæ сты  астæу кары    уæнгтæ.   Иу  нæлгоймаг æмæ дыууæ та  сылгоймæгтæ.  СЕ ртæйæн дæр уыд контакт, бæрзонд рискъы  бæстæтæй æрцæугæ  фæсарæйнæгтимæ.  Нырма  нæм ис ныфсдæттæг  уавæр, цæмæй   Гуырдзыстоны низы  цыппæрæмон алæвæрд нæ уыд, кæнæ та пациент куы  нæ  зоны  кæмæй йæм бахæцыд низ.  Се ртæ  дæр  зонынц, кæйимæ уыдысты контакты.  Æртæ дæр  карантины кæнæ хæдизоляцийы  уыдысты. Ацы  адæймæгтæ ницæмæй  баст сты   уыцы  къордтимæ,  кæцытыл ныры  онг уыд  ныхас» –  райхъусын кодта Тенгиз Церцвадзе.

Официалон информацийæ, Гуырдзыстоны коронавирусы 33  бæлвырд цау  ис, уыдонæй  æртæ  абон рабæрæг  сты.