Тенгиз Церцвадзе  хъусын кæны, цæмæй  Гуырдзыстоны  коронавирусæй инфициргонд фыццаг пациентты сдзæбæх уынмæ æнхъæлмæ кæсынц  иу  къуыримæ
Тенгиз Церцвадзе хъусын кæны, цæмæй Гуырдзыстоны коронавирусæй инфициргонд фыццаг пациентты сдзæбæх уынмæ æнхъæлмæ кæсынц иу къуыримæ

Инфекцион  рынчындоны   директор   Тенгиз Церцвадзе  хъусын кæны, цæмæй  Дунейы  цырдæй рæзы  коронавирусæй  инфициргондты  нымæц  æмæ ахæм фæфылдæр  æнхъæлмæ кæсинаг у Гуырдзыстоны дæр.

Церцвадзе  хжурналисттæн   загъта,цæмæй  Гуырдзыстон æхсæнадæмон æмгарады хай  у  æмæ архайы  демокративон  принциптæй.

«Ам нæй  гæнæн, тоталиторон  мадзæлттæ райст,  цавæрдæр   тыхбын  амæлттæй   пайда кæнын   эпидеми бауромынæн.   Мах архайæм  Дунейы æнæнизхъахъхъæды  организацийы  реокмендацитæ хъахъхъæнгæйæ, Европæйы   бæстæтæм куыд æмбæлы  афтæ.

Æнхъæлмæ кæсинаг у  фæрынчыны цауты  фæфылдæр, æнæмæнгæй уыдзæн рæзт, фæлæ  нæ рард  у,  инфициргонты  нымæц  кæцыдæр критикон арæнæй   ма ахиза»-  банысан  кодта  Тенгиз Церцвадзе.

Инфекцион  рынчындоны   директор дзуры,  цæмæй   Гуырдзыстоны  зæгъгæ коронавирусæй  инфициргонд  фыццаг   паиентты сдзæбæх уынмæ  æнхъæлмæ кæсынц  иу  къуыримæ.

«Инфициргондтæн сæ анализтæ  иудадзыгæй  исæм,  алы  æртæ  боны мидæг иу хатт.  Нырма  вирус   нæ  фæтар ис  æмæ  уый  æнхъæл дæр нæ уыдыстæм.  Бæрæг куыд  у  афтæмæй, рог  цауты рæстæджы дæр, адæймаг  дыууæ  къуырийы  фæстæ   сдзæбæх вæййы.  Уыдонæн та  ацы  æмгъуыд нырма нæ  ацыд . Æнхъæлм æкæсæм цæмæй  иу  къуыримæ   райдадзысты æндидзын» – загъта  Тенгиз Церцвадзе.

Гуырдзыстоны   ацы  рæстæгмæ,  коронавирусы 13  цау   сбæлвырд.  Уый  фæдыл   информаци  Гуырдзыстоны хицауады  арызт  специалон   веб-фарсыл ис  æвæрд. Афтæма,  офиициалон  бæрæггæнæнтæй,   карантины режимы  сты  141  адæймаг,  стационары  цæстдарды бын та – 69.