Тагъд медицинон æххуысы кусæгы коронавирусæй мæлæты цауы, йæ бинонтæн паддзахад баххуыс уыдзæн 10 000 ларийæ
Уæлвæтк уавæрты координацийы æмæ æнæаргъæвгæ æххуысы центры кусæгы коронавирусæй мæлæты цауы, фæмардуæвæгы бинонтæ кæнæ бындар райсдзæн иухаттон æхцайæ æххуыс – 10 000 ларийы бæрц, æрмæст кусæн бартæ æххæст кæныны рæстæджы центры кусæгы мæлæты цауы, суммæйы бæрц уыдзæн 5000 лари.
Æмбæлгæ ивддзинад æнæнизхъахъъхæды министры 6 ноябры бардзырд дары йæ хъуыдыйы, кæцы йæ тыхмæ бацыд пабликацийы моментæй æмæ æххæссы фыццаг октябрæй равзæргæ ахастытæм.
Коронавирусы ахæлиуы фæстæ «Ковид-19»-æй бæстæйы æнæаргъæвгæ медицинон æххуысы дыууæ дохтыр амард. Фæмардуæвджытæ Багъдаты æмæ Ахалкалакы тагъд медциинон æххуысы кусджытæ уыдысты.