Старсбургы тæрхондоны съкыддзагæй, «Рустави 2»-ы хъуыддагыл конвенцийы халындзинад не сбæлвырд ис æмæ уромыны механизм ивд æрцыд
Страсбургы адæймаджы барты европаг тæрхондон, «Рустави2»-ы хъуыддагыл тæрхоныскъуыд райхъусын кодта.
Тæрхоныскъуыды банысангонд куыд у афтæмæй, адæймажы барты Европаг тæрхондон æмхъæлæсонæй ахицæн кодта, бауромæ тæрхондоны регламенты 39-æм стати, кæцыйы бындурыл телекомпани «Рустави2»-имæ баст Гуырдзыстоны Сæйраг тæрхондоны тæрхоныскъуыды сæххæст баурæдтой.
Европæйы адæймаджы барты тæрхондон афтæдæр аскъуыддзаг кодта, цæмæй бынат нæ уыд адæймаджы барты Европаг конвенцийы 6-æм статийы фыццаг пункты хæлдæн, Тбилисы сахарон тæрхондоны тæрхонгæнæджы, Тбилисы аппеляцион тæрхондоны тæрхонгæнæджы æмæ Сæйраг Тæрхондоны стыр палатæйы, уый нымæцы, Сæйраг тæрхондоны сæрдар æмæ тæрхонгæнæджы хæдбардзинады æмæ объективондзинды тыххæй.
Страсбургы тæрхондоны уынаффæимæ иумæ ис тæрхонгæнæг Де Гаэтанойы позицийы æмбарынгæнæн, кæцы дыууæ хайы нæ разы кæны иннæ æхсæз тæрхонгæнгимæ. Сæрмагондæй та Де Гаэтано нымайы, цæмæй сахарон æмæ Сæйраг тæрхондæттæ фехæлдтой хъуыддаджы рæстагæй касты бар.
Тæрхоныскъуыд адæймаджы барты Европаг тæрхондоны веб-фарсыл æрцыд публикацигонд.
Фæрстæм ис Страсбургы тæрхондоны тæрхоныскъуыдыл, Стыр Палатæйы бахъаст кæныны æртæмæййон бар. Кæд тæрхоныскъуыдыл фæнысангонд æмгъуыдмæ нæ бахъаст кæндзысты, уæд æртæ мæйы фæстæ йæ тыхмæ бахиздзæн.
Кибар Халваши тæрхонон дауу 2015 азы райдыдта. 2017 азы марты Гуырдзыстоны Сæйраг тæрхондон «Рустави2» Кибар Халваши æмæ компани «Панорамайæн» адæтта. «Рустави 2» æмæ йæ бардарджытæ Страсбургы адæймаджы барты Европаг тæрхондонмæ бахъаст кодтой. Страсбургы тæрхондон тæрхоныскъуыд рахæссыны размæ, рæстæгмæ мадзалæй спайда кодта æмæ Гуырдзыстоны Сæйраг Тæрхондоны тæрхоныскъуыды сæххæст æрурæдта.
«Рустави 2» адæймаджы барты Европаг Тæрхондоны, паддзахады евроконвенцийы цыппар статийы халыны тыххæй хъаст кодта. Дзырдæуы рæстаг тæрхондоны бар, сæрмæмулкъы бары æмæ хъуыдыйы сæрибары статитыл. «Рустави2» куырдта сæрмæмулкъы æмæ хъуыдыйы сæрибарты статитимæ иумæ, æнæлегитимон нысанæй закъонæй бæрæг арæнæвæрдтæй пайда кæныны статийы халын дæр сбæлвырд уыдаит.