Рати Брегадзе – Гига Отхозориайы  марындзинады хъуыддагыл Страсбургы  тæрхондоны ацы уынаффæ æмæ æнтыст нысаниуæгджын хайæ у раззаг æнтыстыты фæстиуæг
Рати Брегадзе – Гига Отхозориайы марындзинады хъуыддагыл Страсбургы тæрхондоны ацы уынаффæ æмæ æнтыст нысаниуæгджын хайæ у раззаг æнтыстыты фæстиуæг

Гига Отхозориайы  марындзинады хъуыддагыл  Страсбургы  тæрхондоны ацы  уынаффæ, ацы æнтыст у раззаг рамбулгæ хъуыддæгты фæстиуæг – уый фæдыл  Гуырдызстоны  юстицийы министр  Рати Бргеадзе   райхъусын кодта.

Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ Отхозориайы  хъуыддагыл  паддзахад баст уыдис  æртыккаг фарсæй  æмæ æххуыс кодта бæлвырдгæнæнтæ бамбырд кæныны.

Уыимæ,  Рати Брегадзе  куыд банысан кодта афтæмæй,   растдæр  «Картули Оцнебайы» хицауады периоды  ссис гæнæн,  иу хатт  æмæ фæстагмæ   сбæлвырд уыдаит рæстдзинад æмæ Гуырдзыстон рамбылдта алы  æхсæнпаддахадон  хъаст.

«Цъус рæстæг размæ  сног ис  процесс а.х.  змæлгæ оккупацийы  хъуыддагыл  æмæ абон   тæрхондон публикаци скодта  уынаффæ  Отхозориайы  хъуыддагыл, кæцымæ  гæсгæйæ,   сбæрæг ис   цæрыны бары халындзинад. Кæй зæгъын æй хъæуы, бæрн æвæрд цæуы Уæрæсейыл, кæцы æххæст кæны эффективон контрол   оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл.  Уымæ æмбæлгæйæ  дæр,  ацы  уынаффæйæ ноджы иу  хатт сбæлвырд ис  уыцы  аууæл, кæцыйыл  ныхас кодта тæрхондон йæ раззаг уынаффæты æмæ кæй зæгъын æй хъæуы уый у  тынг стыр сгуыхтдзинад ацы фарстайыл Гуырдзыстоны  цы  адæймæгтæ кусынц  уыдоны. Сæрмагондæй та юстицийы  министрады кусджыты» – загъта Рати Брегадзе.

Уыимæ,  журналистты фарстаыл: «Оккупацигонд Абхазы  Уæрæсе æмæ сепаратистон  режим архайынц, гуырдзиæгтæн нацийы,  мыггаг раивын æмæ сæ наци гуырдзаигæй нæ фæлæ  абхазæгтæй ныффыссын домынц.  Централон  хицауады дзуапп цахæм с гнæн уа, афтæдæр  цы йæ бон у  Гуырдзыстоны хицауадæн æмæ цæмæн  дзуарр кæны Уæрæсе  нæ  сабырадон политикæйæн  ахæм къахдзæфтæй», Рати Брегадзе  райхъусын кодта:

«Уый æппæт у  оккупацийы фæстиуæг æмæ кæй зæгъын æй хъæуы, ацы  цауы  паддзахад, Гуырдзыстон куы не ххæст кæны  эффективон  контрол территорийы бæрæг хайыл, уым цæуы  æнæиу  фыдракæнд.  Ам иуæй-иу  сæйраг  рацæуæн  у территорион æнæхъæндзинад сæндидзын кæнын сабырадон фæндагæй, кæцыйы  тыххæй  абсолютонæй  алцыппæт  аразы Гуырдзыстоны  хицауад, цæмæй  ацы фарста  сабырæй  алыг уа.

Ныр конкретон  фыдракæндты тыххæй куы зæгъæм,  ацы  фыдракæнды куыд  фæдагуырд,  афтæ æмбæлон фыдракæндты куыд фæдагуырды афтæдæр  бæрнон уæнгты дзуаппмæ раттыны  нысанæн,  мах нæ  æхсæнадæмон партнертимæ  уæвæг  форматы  ауадздзыстæм  аы хъæугæ  мадзæлттæ» – райхъусын кодта  Рати Брегаде.

Адæймаджы барты Европаг тæрхондон Гига Отхозориайы  марындзинады хъуыддагыл  Уæрæсейы   Федерацийыл æвæрд уыд  бæрн  æмæ  бинонты пайдайæн та  130 000 евройы  бафидыны  уынаффæ.