Саломэ Зурабишвили – Страсбургы тæрхондон ноджы иу хатт равдыста, ома Гуырдзыстон историйы раст æрдгæй лæууы, ай та у радон нысаниуæгджын уæлахиздзинад сабырадон деоккупацийы фæндагыл
Страсбургы тæрхондоны уынаффæ ноджы иу нысаниуæгджын барадон уæлахиздзинад у нæ сабырадон деоккупацийы фæндагыл, – уый фæдыл Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили райхъусын кодта.
«Хъуыддæгтыл, «Бекоева æмæ æндæртæ Гуырдзыстоны ныхмæ» æмæ «Шавлохова æмæ æндæртæ Гуырдзыстоны ныхмæ», Адæймаджы Барты Европаг Тæрхондон ноджы иу хатт равдыста, цæмæй Гуырдзыстон лæууы историйы раст æрдгæй. Страсбругы Тæрхондоны уынаффæ хъастыты æнæрайсгæдзинады фæдыл ноджы иу нысаниуæгджын барадон уæлахиздзинад у сабырадон деоккупацийы фæндагыл», – фыссы Саломэ Зурабишвили «Твиттеры».
Адæймаджы барты Европаг Тæрхондон, хъуыддæгты фæдыл – «Бекоева æмæ æндæртæ Гуырдзыстоны ныхмæ» æмæ «Шавлохова æмæ æндæртæ Гуырдзыстоны ныхмæ» – уынаффæтæ публикаци скодта æмæ хъастытæ æнæрайсгæйыл банымадта.
In “Bekoeva and Others v. Georgia” and “Shavlokhova and Others v. Georgia”, Georgia was once again shown on the right side of history by the #ECHR.
The Strasbourg court ruling the appeals inadmissible is yet a new judicial important victory on our path to peaceful deoccupation
— Salome Zourabichvili (@Zourabichvili_S) October 21, 2021