Страсбургы тæрхондон – Ника Мелиайы æрцахсты хъуыддагыл адæймаджы барты конвенцийы статиты хæлд нæ сфиксир ис
Адæймаджы барты Европаг тæрхондон хъуыддагыл «Ника Мелиа Гуырдзыстоны ныхмæ» публикаци скодта уынаффæ.
Страсбургы тæрхондоны публикацигонд прессрелизы куыд дзырдæуы афтæмæй, хъуыддагыл «Ника Мелиа Гуырдзыстоны ныхмæ» тæрхондон сбæрæг кодта, цæмæй, сæрибардзинады, æдадсзинады бары фехалын æмæ барты сæмбонд кæныны фæлгæтты халындзинад не сфиксир ис.
Хъуыддаг æххæссыд оппозиционер политик Ника Мелиайы 2019 азы æрцахстмæ æмæ йыл электронон цонгдарæн бакæнынмæ. Тæрхондон бауадзинагыл банымадта хъаст æмæ сбæрæг кодта, цæмæй адæймиаджы барты европаг конвенцийы фæндзæм статийы фыццаг пункты хæлд нæ уыд. Афтæма тæрхондон сбæрæг кодта, цæмæй хæлд не рцыд конвенцийы 18 стати, конвенцийы 5-æм статийы фыццаг пунктмæ гæсгæйæ. Страсбургы тæрхондон афтæдæр сбæрæг кодта цæмæй конвенцийы 5-æм статийы æртыккаг пункты фæлгæтты фарст нæ рахицæн вæййы.
Страсбургы тæрхондон сразы ис Гуырдзыстоны тæрхондæттимæ, ома тугтæрхоны барады фæдагуырд райдаыны рæстæджы, хъуыддаджы уæвæг æрмæджыты бæлвырд кодтой «бындурон зæрдæхсайд», конвенцийы 5-æм статийы нысаниуæгæй. Цæмæй медиа гæнæн ис сыххæст кодта тугтæрхоны барады фыдракæнд.
«Аххосæгтæ, цæймæй цæмæн уыдис хъæугæ превентивон мадзæлттæ скæнын йæ бамбæхсыны, бæлвырдгæнæнтæй фæцагайыны кæн ног фыдракæнд маруадзынæн, æххæстæй бавдыст уыд 2019 азы 27 июны æмæ 2 июлы тæрхондæтты уынаффæты. Æмбæлгæ националон закъондæттынад йæ хъуыдыйы дартта цъынды рагафон ахстæй фæивын цъындыйы бæсты ссæрибары уагæвæрды æнæхъахъхъæды уавæрты», – банысангонд у тæрхондоны пресс-релизы.