Старсбургы тæрхондоны съкыддзагæй, «Рустави 2»-ы  хъуыддагыл  конвенцийы  халындзинад не сбæлвырд ис æмæ уромыны механизм ивд æрцыд
Старсбургы тæрхондоны съкыддзагæй, «Рустави 2»-ы хъуыддагыл конвенцийы халындзинад не сбæлвырд ис æмæ уромыны механизм ивд æрцыд

Страсбургы  адæймаджы барты  европаг тæрхондон, «Рустави2»-ы  хъуыддагыл   тæрхоныскъуыд райхъусын кодта.

Тæрхоныскъуыды банысангонд  куыд у  афтæмæй,  адæймажы барты   Европаг  тæрхондон æмхъæлæсонæй ахицæн кодта, бауромæ  тæрхондоны регламенты 39-æм стати,  кæцыйы  бындурыл   телекомпани «Рустави2»-имæ баст  Гуырдзыстоны Сæйраг тæрхондоны  тæрхоныскъуыды  сæххæст баурæдтой.

Европæйы  адæймаджы барты тæрхондон  афтæдæр аскъуыддзаг кодта, цæмæй  бынат нæ  уыд адæймаджы  барты  Европаг   конвенцийы   6-æм статийы   фыццаг   пункты  хæлдæн,  Тбилисы  сахарон тæрхондоны тæрхонгæнæджы, Тбилисы аппеляцион тæрхондоны тæрхонгæнæджы æмæ Сæйраг Тæрхондоны   стыр палатæйы,  уый  нымæцы,  Сæйраг тæрхондоны  сæрдар æмæ   тæрхонгæнæджы хæдбардзинады  æмæ объективондзинды тыххæй.

Страсбургы  тæрхондоны  уынаффæимæ иумæ ис  тæрхонгæнæг Де Гаэтанойы  позицийы æмбарынгæнæн,  кæцы  дыууæ  хайы  нæ разы кæны  иннæ  æхсæз тæрхонгæнгимæ.  Сæрмагондæй та Де Гаэтано  нымайы, цæмæй  сахарон æмæ   Сæйраг тæрхондæттæ  фехæлдтой  хъуыддаджы  рæстагæй  касты  бар.

Тæрхоныскъуыд  адæймаджы  барты   Европаг тæрхондоны веб-фарсыл  æрцыд публикацигонд.

Фæрстæм ис  Страсбургы  тæрхондоны  тæрхоныскъуыдыл,  Стыр Палатæйы  бахъаст кæныны æртæмæййон бар.   Кæд тæрхоныскъуыдыл  фæнысангонд  æмгъуыдмæ нæ бахъаст кæндзысты,  уæд  æртæ мæйы  фæстæ  йæ тыхмæ бахиздзæн.

Кибар Халваши тæрхонон дауу  2015 азы  райдыдта.   2017 азы   марты  Гуырдзыстоны  Сæйраг тæрхондон  «Рустави2»  Кибар Халваши æмæ компани  «Панорамайæн»  адæтта.  «Рустави 2»  æмæ йæ  бардарджытæ  Страсбургы  адæймаджы барты  Европаг   тæрхондонмæ бахъаст кодтой.   Страсбургы   тæрхондон  тæрхоныскъуыд рахæссыны размæ,  рæстæгмæ мадзалæй  спайда кодта æмæ Гуырдзыстоны  Сæйраг  Тæрхондоны   тæрхоныскъуыды  сæххæст æрурæдта.

«Рустави 2» адæймаджы  барты  Европаг Тæрхондоны,  паддзахады  евроконвенцийы  цыппар  статийы  халыны  тыххæй  хъаст кодта.  Дзырдæуы  рæстаг  тæрхондоны бар,  сæрмæмулкъы  бары æмæ  хъуыдыйы  сæрибары статитыл.  «Рустави2»   куырдта сæрмæмулкъы æмæ хъуыдыйы  сæрибарты  статитимæ иумæ,   æнæлегитимон нысанæй закъонæй бæрæг арæнæвæрдтæй  пайда кæныны статийы   халын дæр сбæлвырд уыдаит.