Страсбургы тæрхондон 2008 азы хæсты хъуыдтагыл Гуырдзыстоны пайдайæн ноджы иу уынаффæ рахаста
Страсбургы тæрхондон 2008 азы хæсты хъуыдтагыл Гуырдзыстоны пайдайæн ноджы иу уынаффæ рахаста

Адæймаджы барты европæйаг тæрхондон (ЕСПЧ) «Грузия против России» (IV) хъуыдтагыл Гуырдзыстоны пайдайæн уынаффæ рахаста (№ 39611/18).

Адæймагы барты европæйаг тæрхондоны æскъуыддзагмæ гæсгæ, 2008 азы Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны æхсæн конфликты фæстæ арæны хаххты фæкарздæр кæныны фæстиуæгæн, адæймагы барты хæлдтыты тыххæй, Уæрæсе Гуырдзыстонæн хъуамæ бафида 253 милуан евройæ фылдæр.

Тæрхондоны бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Уæрæсейы архæйдтытæ бандæвтой 29 мин адæймагæй фылдæр. Тæрхондон Гуырдзыстоны хицауадæн бахæс кодта, цæмæй Уæрæсе фиддон куы сарæзта уый фæстæ зианбаййафджытæн ацы æхцайы фæрæзтæ дих кæныны эффективон механизм саразой. Ацы механизмы æххуысæй зианбаййафджытæ хъуамæ 18 мæйы æмгъуыдмæ райсой компенсаци.

Хъуыддаг 2008 азы Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны æхсæн конфликты фæстæ арæны хаххытæ фæкарздæр кæныны фæстиуæгæн адæймаджы барты хæлдмæ хауд. Сæрмагондæй, хотыхджын конфликт æркодта процессмæ, кæцы райдыдта 2009 азы, зындгонд куыд «бордеризаци» — барьерты сæвæрд, кæцытæ арæн кодтой адæмы сæрибар змæлд административон арæны хаххыл Гуырдзыстоны контролгонд территориты æмæ Гуырдзыстоны оккупацигонд регионты æхсæн, кæцытæн æххуыс кæны Уæрæсе — Абхаз æмæ афтæхуыйнæг Хуссар Ирыстон.

Уымæй дарддæр ма, 2024-æм азы уынаффæйы тæрхондон сбæлвырд кодта Уæрæсейы æрдыгæй адæймаджы барты фæдыл европæйаг конвенцийы бирæнымæц хæлдтытæ, уыдон нымæцы æгæр тыхæй пайда кæнын, æгъатыр ахаст, цæрæнуæттæ, зæхх æмæ бинонтæм бацæуыны æнæзаконон арæнæвæрдтæ, гуырдзиаг æвзагыл ахуырад райсыны барæй ист, афтæ ма административон арæныл æрвылбонон змæлды æнæзакъонон арæнæвæрдтæ.

Документы афтæдæр банысангонд у, цæмæй министрты комитет дарддæр кæны Уæрæсейы ныхмæ ист уынаффæты æххæст кæнын, æнæкæсгæ уымæ æмæ 2022-æм азæй Уæрæсе Конвенцийы къухфыссæг нал у.