Страсбургы тæрхондон рабæрæг кодта адæймаджы барты тыххæй Европæйы конвенцийы 3-æм статьяйы дыууæ аспекты дæр хæлд Цаава æмæ æндæртæ Гуырдзыстоны ныхмæ хъуыддаджы
Адæймаджы барты европон тæрхондоны стыр палатæ расидтис тæрхон «Цаава æмæ æндæртæ Гуырдзыстоны ныхмæ» хъуыдтагыл, кæцы хауы 2019 азы 20-21 июны æхсæвы парламенты раз антихицауадон демонстрацийы полицийы апарахатмæ.
Хъуыдтагы æдæппæтæй ис 26 курдиатгæнæджы. Страсбургы тæрхондон 24 курдиатдæттæджы тыххæй рабæрæг кодта, адæймаджы барты тыххæй Европæйы конвенцийы 3-аг статьяйы дыууæ аспекты дæр хæлд (æнæадæймагон кæнæ æгадгæнæг ахаст/эффективон фæдагуырд нæй). Тæрхондон 14 курдиатдæттæджы тыххæй сбæрæг кодта Конвенцийы 10-æм статьяйы хæлд (ныхасы сæрибардзинад). Тæрхондон ма сбæрæг кодта Конвенцийы 11-æм статьяйы хæлд (æмбырдты сæрибардзинад) 11 курдиатдæттæджы тыххæй.
Тæрхондон ма сбæрæг кодта, Конвенцийы 38-æм статьяйы хæлд кæй нæ уыд (хъуыддаджы æркасты рæстæджы æппæт æнæмæнгхъæуæг уавæртæ сифтонг кæныны хæс).
Страсбургы тæрхондоны рапарахатгонд пресс-релизы ис фыст, цæмæй курдиатдæттæгтæй иуæй дарддæр се ‘ппæт дæр уыдысты протесты хайадисджытæ кæнæ та журналисттæ, кæцытæ æвдыстой демонстрацийы. Сæ фылдæр фæцæф сты хицауады резинæ топпытæй пайда кæныны фæстиуæгæн, иннæтæ та, дам, фæцæф сты пъæлицæйы физикон тыхмийы фæстиуæгæн.
Пресс-релизы ис фыст, цæмæй æртæ-цыппар сахаты æмгъуыдмæ æхст æрцыд 800 резинæ нæмыджы, арæхдæр сæрмæ æмæ уæллаг буармæ, куыд 17 курдиатдæттæджы цауы.
Тæрхондон сбæрæг кодта, кæд æмæ фæдылдзог фæдагуырд аххæссыд фондз æмæ æрдæг азæй фылдæр, уæддæр æппæт уавæртæн лæмбынæг аргъ скæнынмæ нæ æркодта; фæдагуырд нæ баххæсыд хатдзæгмæ, куырдиæттæм æвзæр ахасты тыххæй, кæнæ паддзахадон кусæг чи уыд, æгæр тыхæй чи спайда кодта кæнæ æмбæлон бардзырдтæ чи радта, уый тыххæй.
Тæрхондон ма сбæрæг кодта, цæмæй нæй бæлвырдгæнæнтæ, цæмæй курдиатдæттæгты зиæнттæ уыдысты сæ архæйдтыты æнæмæнгхъæуæг фæстиуæг.
Пресс-релизы куыд фыст ис, афтæмæй пъæлицæйæгтæ, æвæццæгæн, спайда кодтой резинæ топпытæй, куыд адæмы æмбырды контролы иумæйаг фæрæз. Сæрмагондæй, Гуырдзыстоны закъондæттæн базæйы уыд къорд хъæндзинæдтæ демонстрациты рæстæджы пъæлицæйы æрдыгæй резинæ нæмыгæй спайда кæныны æмæ демонстрациты апарахат кæныны процедурæйы фæдыл. Уымæй уæлдай ма, курдиатдæттæг журналистты цауты тыххæй æдасæй æмæ сæрибарæй хъусын кæныны фадатмæ хъыгдард нæ уыд раст æмæ пропорционалон.
Тæрхондоны пресс-релизы куыд фыст ис, афтæмæй кæд æмæ демонстрацийы ныппырх кæныны фæндон цыдæр æмвæзадыл уыд раст, уæлдайдæр та уый хынцгæйæ, æмæ уый цыд парламенты бæстыхайы æддейæ æмæ иуæй-иу протестгæнæгты фæндыд бæстыхаймæ бабырсын, уæддæр Тæрхондон банымадта, цæмæй ныппырх кæныны фæндаг раст нæ уыд. Сæрмагондæй, нæ уыд бардзырд рапарахат кæнынæн, нæдæр бæлвырд хъусæн фæдзæхст æнхъæлмæкæсинаг резинæйы топпытæй пайда кæныны тыххæй. Фыццаг, уыд æгæр тых, кæцы æрхаста физикон цæфтæ абитуриенттæн æмæ æндæртæн.
Стыр палатæ йæ хатдзæгты банысан кодта, Гуырдзыстоны хицауад цы мадзæлттæ хъуамæ райса, сæрмагондæй резинæ нæмгуытæй пайда кæныны регуляци æмæ уыдонæй раст пайда кæныны фæткмæ гæсгæ. Тæрхондон рахаста уынаффæ, цæмæй Гуырдзыстоны паддзахад дыууæ курдиатдæттæгæй алкæмæн дæр хъуамæ бафида 75 мин евро, иннæ дыууæ курдиатдæттæгæн та 85 мин евро. Уый ма паддзахадæн бафæдзæхста, цæмæй алы курдиатдæттæгæн дæр бафида алыгъуызон суммæтæ, кæцытæ нысангонд сты Тæрхондоны уынаффæйы. Уый ма 22 курдиатдæттæгæн бафæдзæхста, цæмæй æдæппæтæй бафидой 38 000 евройы юридикон хæрдзтæн.