Михеил Саакашвили  Страсбургы тæрхондонæй  хъаст рахаста, æмбæлгæ фстæджы  банысангонд у, цæмæй йæ  æнæниздзинады уавæр  цæрынæн тæссаг  нæу
Михеил Саакашвили Страсбургы тæрхондонæй хъаст рахаста, æмбæлгæ фстæджы банысангонд у, цæмæй йæ æнæниздзинады уавæр цæрынæн тæссаг нæу

Цæугæ азы 25  апрелы  адæймаджы барты  европаг тæрхондонæй юстицийы министрадмæ æрбацыд хъусинаг, кæцыимæ  уыдис  ахæст  Саакашвилийы   фыстæг  Страсбургы Тæрхондонæй  йæ  хъасты фæстæмæ асидыны фæдыл» –  уый тыххæй  райхъусын кодта юстицийы министр Рати Брегадзе.

«18 апрелæй датæвæрд  фыстæджы Саакашвилийы  адвокат  банысан кодта,ц æмæй   ацытæккæ   Саакашвилийы æнæниздзинады уавæр нал у цардæн  тæссаг. Европаг тæрхондоны æрдгæй,  юстицийы министрадмæ уыдис куыррдиат ккомментари саразыны фæдыл 10  зæрдæвæрæнмæ, ахæмы уæвыны  цауы.  Мах абон арвыстам æмбæлгæ  дзуапп, кæцыйы  банысан кодтам,ц æмæй  йæ æнæниздзинады  уавæр æцæгдæр нæ уыдис  цардæн тæсссаг, кæцы сбæлвырд кодта   Страсбургы  тæрхондон 2023 азы 11 зæрдæвæрæны,  ахæст Саакашвилийæн  нæзагъд куы  уыд  хоскæныны нысанæн йæ Польшæмæ,  сæрмагондæй  та Варшавæйы  клиникæмæ   аласыныл.

Афтæма, адæймаджы барты  европаг тæрхондонæй ракуырдтам, цæмæй нын базонын кæной, æркæсинаг хъуыддæгты  ранымадæй   хъуыддаджы  сфыссыны   акт» – райхъусын кодта Рати Брегадзе.