Рати Брегадзе - Страсбургы тæрхондон не сразы ис Михеил Саакашвилийы Варшавæмæ аласынимæ æмæ бæстæйы мидæгæй æндæр хосгæнæн уагдонмæ йæ аргъæвын дæр нæ бахæс кодта паддзахадæн
Страсбургы тæрхондон не сразы ис Михеил Саакашвилийы адвокатты æркуырдимæ, уый фæдыл Гуырдызстоны юстицийы министр Рати Бргеадзе абоны брифингыл фехъусын кодта.
«Абон публикацигонд уыд Страсбургы тæрхондоны уынаффæ, кæцымæ гæсгæ дæр ахæст Михеил Саакашвилийæн, хуъыддагыл «Саакашвили Гуырдзыстоны ныхмæ» нæйы загътой Варшавамæ аласыныл æмæ иурæстæгонæй паддзахадæн нæ бахæс кодтой уыцы бæстæйы мидæгæй æндæр хосгæнæн уагдонмæ аласын», – банысан кодта Брегадзе.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстон у европаг падзахад, кæцы æнæфæзилгæйæ хъахъхъæны адæймаджы джелбетты æмæ уырдгæй рацæугæ алы барты.
«Хъыгагæн ис адæймæгты къорд, кæцытæ нæ фидауынц Гуырдзыстоны æнтыстимæ æмæ архайы барæй, бааууон кæнын нæ бæстæйы Европаг фидæн. Ахæст Саакашвилийы æрцæрын кæныны фыццаг бонæй райдыдта, хаххгондæй зæгъдзынæн, æбæрæг равзæрæнтæй финансгонд барæй хахуырхæссæг кампани, кæцыйæн йæ нысан уыд, Гуырдзыстоны ахæм падздахадæй равдисын, кæцыйы цæвиттон искæй хъизæмарæй мардтой. Ацы нысанм баххæссынæн адæймæгты ацы къордæн сæ цæсгом бахъæцыд ахæсты удцырын кæнæн, цæмæй йын æхормагдзинады цыппар эпизод уыдаит, ма бакоммæкастаит дохтырты рекомендацитæм, ма схос кодтаит æмæ уыдæттæй фæфыддæрдæр кодтаит сæрмагонд æнæниздзинады уавæр. Уый та у хизиан кæнын æмæ æндæр ницы», – райхъусын кодта Брегадзе.
Михеил Саакашвилийы адвокаттæ Саакашвилийы хуъыддаджы фæдыл Страсбургы тæрхондонмæ хъаст 11 апрелы арвыстой. Адвокаттæ Михеил Саакашвилийæн æфхæрды æмгъуыд ахæцын æмæ йæ фæсарæнты хоскæнынмæ арвитын куырдтой.