Страсбургы тæрхондон Александр Литвиненкойы марындзинадыл бæрн сæвæрдта Уæрæсейыл
Страсбургы тæрхондон Александр Литвиненкойы марындзинадыл бæрн сæвæрдта Уæрæсейыл

Страсбургы  тæрхондон Александр Литвиненкойы  марындзинадыл  бæрн  сæвæрдта  Уæрæсейыл.

Æмбæлгæ  уынаффæ  Европæйы  адæймаджы барты  тæрхондон абон рахаста.

Вердикты дзырдæуы, цæмæй Уæрæсейы  Федералон  Æдасдзинады  куыст  раздæры  кусæгы  полонийæ  фæмаргджын кæныны  тыххæй бæрн æвæрд цæуы Уæрæсейы  Федерацийыл.

Тæрхондон  афтæдæр бахæсджын кодта Уæрæсейы  хицауад  Литвиненкойы  идæдзæн  компенсацийы  хуызæй  100 000  евро бафидын.

Александр Литвиненкойы  2006 азы  Лондоны фæмаргджын кодтой.