Шота Рехвиашвили хъусын кæны, цæмæй Болнисы муниципалитеты цæрæг 19 аздзыд сывæрджынæн коронавирус сбæлвырд ис
Квемо Картлийы губернаторы Шота Рехвиашвилийы куырдиатæй, зæгъгæ быдырон госпиталы 17 адæймаг уæвы.
Шота Рехвиашвили куыд банысан кодта афтæмæй, знон быдырон госпиталы уыдыст мад æмæ хъæбул Болнисы муниципалитеты Дæллаг Болнисийæ, кæцытæн абон сбæлвырд ис коронавирусы инфекци.
«Иу сылгоймаг у 19 аздзыд сывæрджын. Фæхæццæ йæ кодтам Фыццаг Университеты клиникæмæ. Адон сты иу бинонты уæнгтæ æмæ сæ цыппар факт дæр нырид фæбæрæг ис фыццаг фактимæ баст кæй у æмæ Азербайджанмæ балцы историйæ æмæ контакттæй. Дæллаг Болнис у стыр цæрæн ран, ам 11 мин адæймаг цæры. Сæрмагонд режимæй хъæуы ам уавæр контрол кæнын, цæмæй ма фæхъуаг уой хæринаг продукттæй, медикаменттæй. «Либерти Банкъы» дыууæ транспортон фæрæз нырид ахызт блок-постыл. Иу фæцæуы Дæллаг Болнисмæ, цæмæй æмбæлгæ стандарттæ хъахъхæнгæйæ цæрджытæ райсой æхца. Алы мадзалт ист у æмæ этапгай уыдзæн ифтонгггонд продуктæй, ситы хуызы дефицит æмæ кризис нæ сырæздзæн» – райхъусын кодта Шота Рехвиашвили.