Сачхерейы тагъд медицинон æххуысы центры 24 кусæгæн коронавирус сбæрæг ис
Сачхерейы тагъд медицинон æххуысы центры кусджытæн коронавирус сбæрæг ис. Фæрынчын сты 24 кусæгы, кæцытыл вирус, планон басгæрсты фæстиуæгæн сбæрæг ис. Кусджыты инфицирады тыххæй, ацы афонмæ тагъд медицинон æххуысы цыппар къордæй, æрмæст иу кусы. Фæрынчынуæвæг кусджыты хай сæрмагонд хæдзæртты, иннæ хай та, ковид-фысымуæтты сты.
Вирусы ахæлиуы бæрæггæнæнæй Имереты регион сæйраг горæты фæстæ дыккаг бынатыл ис. Регионы уæвæг ковид-центрты 1 200-йæ фылдæр адæймагæн хос кæнынц.
180 пациенты сты Сачхерейы медицинон центры, уыдонæй 5 уæнг реанимацион хайады сты.