Республикон рынчындоны директоры, Леван Гоподзейы хъусинагæй, ацы рæстæгмæ клиникæйы, æдæппæт 34 пациентæн хос кæнынц, уыдонæй 10-мæ сбæлвырд ис коронавирус.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, сæ нымæцы цыппар сты республикон рынчындоны кусджытæ.
«Медицинон персоналæй цыппармæ сбæлвырд ис ковидинфекци, знон уыд фыццаг цау, æмæ ма йæм абон бамхас сты æртæ.
Цæй зæгъын æй хæъуы, планмæ гæсгæйæ сын аразæм «PCR» тестæй басгæрст æппæт медперсоналæн. Ног фæудгонд нын уыд, æххæстæй басгæрст уыд алчидæр æмæ алы дузапп дæр уыд æппæрццаг. Ныр сæрæй райдыдтам сгарын æмæ медперсоналы та æххæстæй басгардзыстæм, цæмй нæхи бахзæм апарахатæй» – райхъусын кодта Леван Гоподзе.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ инфицирады равзæрæны фæдыл информаци сæм нæй æмæ ацы æрдгæй низты контролы центр кусы.
«Равзæрæны тыххæй исты зæгъын тынг зын у. Фыццаг кæмæ фæбæрæг ис инфекци, уыд кæлидоры æфснайæг. Уымæн пациенттимæ комкоммæ контакт нæ уыд, фæлæ кæцæй æрбацыд уый нæ зонæм, ууыл низты контролы центр кусы, иртасы сæ контакттæ æмæ контактты рабææрæг кæныны фæстæ, базондзыстæм кæцæй æрцыд сæ инфицирад» – райхъусын кодта Гоподзе.