Абонæй Гуырдзыстоны гæнæн уыдзæн ног коронавирусы диагноз сбæлвырд кæнын
Абонæй Гуырдзыстоны гæнæн уыдзæн коронавирусы рабæрæг кæнын, – уый фæдыл низты контролы националон центры директор Амиран Гамхърелидзе райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ гурдзиаг фарсæн партнертимæ уыд бадзырдтæ, кæцыты фæстиуæгæн аскуыддзаг ис, цæмæй Гуырдзыстон райсдзæн æмбæлгæ тестытæ, кæцыты фæрцы ног коронавирусы диагностикæ скæнын гæнæн уыдзæн Гуырдзыстоны.
Абон архайæг практикæйæ, пациенты биологион æрмæг нырма Лугары ларбораторийы раиртасдзысты, цы ран æххæст цæуы цалдæр дæсой вирусыл басгæрст, кæцыты нымæцы ног коронавирус нæй. Уыцы цауы кæд æмæ сæ иу дæр нæ фæбæрæг уыдзæн, уæд æрмæг фæсарæнты архайæг лабораторитæм цæуы æрвыст, цæмæй сбæрæг уа, ис дзы æви нæ уым ног коронавирус. Ацы процедурæ цалдæр бон аххæссы.
Æнхъæлцау райсомæй та, анализты фæсарæнтæм арвитын нал бахъæудзæн æмæ ног коронавирусыл æрмæджытæ басгардзысты бынатыл, кæцы процесс диагноз сæвæрыны фадат дæтты.
Афтæма, Амиран Гамхърелидзе куыд райхъусын кодта, уымæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны ацы этапыл коронавирусы цау не сфиксир ис, Инфекцион рынчындоны баоксгомау хайады, æртæ пациенты уæвынц, кæцытæм специалисттæ лæмбынæг сæ цæст дарынц. Уыдонæн Гуырдзыстоны басгæрст сарызтой 22 респираторон вирусыл, дыууæ адæймаджы анализтæ та, æрвыст сты Роттердаммæ.