Парламенты цур митингыл цалдæр адæймаджы æрцахстой, се æхсæн Элене Хоштариайы дæр
Парламенты цур митингыл цалдæр адæймаджы æрцахстой. Ахстгондты æхсæн ис Дроайы лидер Элене Хоштариа, кæцы мидхъуыддæгты министрады информацийæ, административонæй ахст æрцыд.
Протестгæнджытæ бафæлвæрдтой фæндаг æрæхгæнын, фæлæ бынаты мобилизацигонд пъæлицæйæгтæ сæ нæ бахъыгдардтой.
Раздæр барадхъахъхъæнджытæ административон æгъдауæй дыууæ адæймаджы æрцахстой парламенты цур митингыл.
Парламенты цур протест боныцъæхтыл райдыдта, уыцы рæстæджы, закъондæттæн органы парламентон фæдагурæн комисы рабадт цыд. Протесты хайадисджыты расидæнмæ гæсгæ, парламентон фæдагурæн къамис гуырдзиаг æфсады тæрхонмæ æвæры æмæ уый сæ бон нæу сразы уæвын.
Уæ информацийæн, Гуырдзыстоны парламенты «2003-2012 азты режимы æмæ йæ политикон бæрнонты архайд иртасæг Рæстæгмæйы фæдагурæн къамисы» абоны рабадтыл Гуырдзыстоны æфсæддон æфсæддонты иумæйаг штабы фидауынгæнæн операциты штабы къухдариуæггæнæг Гуырдзыстоны парламенты, 2008 2004-2006 азты, æрфарст æрцыдысты. Афтæ дæр, абон, парламенты фыццаг вице-спикер Гия Вольскийы, кæцы 2004-2006 æзты Гуырдзыстоны паддзахадон министры хæдивæджы бынат ахста.