МХъМ – Фæстаг дыууæ боны дæргъы, æмбырдтæ æмæ демонстрацитæ ауадзыны уагæвæрд фехæлды аххосагæй 14 адæймаджы æрцахстой
Мидхъуыдтæгты министрад фæстаг дыууæ боны мидæг æрцахста ноджы 14 адæймаджы æмбырдтæ æмæ демонстрацитæ ауадзыны уагæвæрд хæлд кæй кодтой, уый тыххæй.
Уый фæдыл Тбилисы полицийы департаменты директор Важа Сирадзе брифингыл расидтис.
Уымæй уæлдай ма Мидхъуыддæгты министрады сидынц митингы организатортæ æмæ архайджытæм, цæмæй æххæст кæной закъоны домæнтæ.
«Мидхъуыдтæгты министрад фæстаг æртæ боны дæргъы демонстрацийы хайадисджыты æрдыгæй 53 барадхæлд сбæрæг кодта, кæцытæй 42 закъонхалджытæ сты, кæцытæй иуæй-иутæ ныридæгæн сты ахст, иннæ гоймæгты ныхмæ та цæуы административон хъуыддаг, æмæ сæ хъуыддæгтæ административон уагæвæрдмæ гæсгæ тæрхондоны æркæсдзыстæм фидæн бонты, фæнды нæ зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм фæткхалджыты. ноджы иу хатт уый, цæмæй кæд бирæ хатт æххæст кæной ахæм æнæзаконон архайдтытæ, уæд æрцæудзысты уголовон бæрндзинадмæ Мидхъуыддæгты министрад ноджы иу хатт сиды демонстрацийы организатортæм æмæ хайадисджытæм, цæмæй æххæст кæной закъоны домæнтæ, науæд барадхъахъæнджытæ архайдзæн закъонмæ гæсгæ – рабæрæг кæндзысты æппæт æмбæлон мадзæлттæ æмæ сæ ныхмæ снысан кæндзысты закъонмæ гæсгæ Важ. Сирадзе брифингыл расидтис.