Мидхъуыдтæгты министрады кусджытæ Батумы æмæ Тбилисы сырх циркулярæй агуырды уæвæг цыппар адæймагы æрцахстой
Мидхъуыддæгты криминалон пъæлицæйы Централон уагдоны организгонд фыдракæндты ныхмæ тохы сæйраг дирекцийы кусджытæ сырх циркулярмæ гæсгæ æрцахстой Турчы республикæйы цыппар æмбæстаджы, кæцыты агуырдтой уæззау фыдракæндты тыххæй.
Мидхъуыддæгты министрады куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ахст адæймæгты агуырдтой Турчы республикæйы барадхъахъхъæнæг органтæ сæрибардзинад байсын, давд, рагацау лæгмард, хæцæнгарз æнæзакъонæй хæссыны, æнæниздзинадæн æнæбары зиан æрхæссыны, тас кæныны, фæндагон змæлды æдасдзинады уагæвæрдтæ хæлд, наркотиктæ æмæ документты тыххæй фыдракæндты тыххæй.
«Ауагъд фæдæвзарæн архайдтыты фæстиуæгæн барадхъахъæнджытæ æндæр æмæ æндæр рæстæджы æрцахстой агуырд адæймæгты Батумы æмæ Тбилисы. Ахстгондты ныхмæ цæуынц экстрадицийы процедурæтæ, кæцытæ закъонæй нысангонд сты» – ис фыст МХъМ-ы расидæны.