МХъМ æрцахста 84 адæймаджы наркотикон фыдракæндты аххосагæй, се æхсæн фæсарæйнаг æмбæстæгтæ дæр, æмæ стыр нымæц æндæр æмæ æндæр хуызы наркотиктæ, æхсæнгарз æмæ хæцæнгæрзтæ байста
МХъМ æрцахста 84 адæймаджы наркотикон фыдракæндты аххосагæй, се æхсæн фæсарæйнаг æмбæстæгтæ дæр, æмæ стыр нымæц æндæр æмæ æндæр хуызы наркотиктæ, æхсæнгарз æмæ хæцæнгæрзтæ байста

Æнæхъæн бæстæйы масштабæй уагъд оперативон мадзæлттæ æмæ фæдагурæн мадзæлтты фæстиуæгæн, 84 адæймаджы æрцахстой наркотикты фыдракæндты аххосагæй æмæ ист æрцыд уæлдай стыр нымæц алыгъуызон наркотикон æмæ психотропон буарадтæ, афтæ ма зынгæхсæн æрмæг æмæ хæцæнгæрзтæ, — фехъусын кодта брифингы рæстæджы Централон уголовон пъæлицæйы хайады директор Давит Кикънадзе.

Брифингыл куыд банысан кодтой афтæмæй, ахстгондты æхсæн ис куыд Гуырдзыстоны афтæ дæр фæсарæйнаг æмбæстæгтæ.

«Ахстгондты сæрмагонд, цæрæн хæдзæртты æмæ машинæты басгæрсты рæстæджы, афтæ дæр уыдонæй амонгæ бынæттæй, бæлвырдгæнæнæн ист æрцыдысты æндæр æмæ æндæр хуызты наркотикон фæрæзтæ, уыдон нымæцы: «героин», «кокаин», «метадон», «бупренорфин», «марихуанæ» æмæ æндæртæ.

Фæдагуырд цæуы уголовон кодексы 260, 260 Терциа, 260 Кварта, 261, 262, 265 Прима æмæ 236 статьятæм гæсгæ, кæцытæ 20 азы онг кæнæ та цæрæнбонтæм ахæстоны фæбадыны тыххæй æнхъæлмæ кæсынц» – банысан кодтой МХъМ-йы брифингыл.